TG Telegram Group & Channel
5 слов на осетинском | United States America (US)
Create: Update:

Хæмицати Морис. Уæркий бæласæ (Уацау астæуккаг кари сувæллæнттæн). 1994 анз.

Æвдæймаг къласи ма ахур кодта, уотемæй аци киунуги авторæн газзетт «Рæстдзинад»-и ниммухур кодтонцæ æ фиццаг уацхъуд. Дууæ анзей фæсте ба Дигори райони газзетти дуйней рохс фæуидта Мориси фиццаг радзурд.
Уой фæсте ба адтæнцæ Цæгат Иристони паддзахадон университети ахури æнзтæ, службæ æфсади рæнгъити, ирон æма уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæги куст
скъолай. Иронхуати нæ байзадæй исфæлдистадæ дæр.
Æ радзурдтæ мухури цудæнцæ республики газзеттæ æма журналти, фæстæдæр ба журнал «Мах дуг»-и рацудæй Мориси уацау «Гæппæй дугъ нæй»-зæгъгæ. Куста ма газзетт «Рæстдзинад»-и, рауагъдадæ «Ир»-и аййевадон литератури редакций. Нуртæккæ æй Цæгат Иристони радиой аййевадон редакций иуонг.
Уацау «Уæркий бæласæ» кæд скъоладзаутæн финст æй, уæддæр æй цæмæдесæй бакæссæнæнцæ хестæр кари адæн дæр. Киунуги ирдæй æвдист цæунцæ æрмæст кæстæрти цард, сæ ахур нæ, фал нæ адæми кулътурæ, æгъдæуттæ, аййевадæ; нæ æрдзæ, историй еуæй-еу æнæферонхгæнгæ цаутæ.
Уацау финст æй хумæтæг, æнцонлæдæрæн æвзагæй.

>>Click here to continue<<

5 слов на осетинском

Share with your best friend
VIEW MORE

United States America Popular Telegram Group (US)