TG Telegram Group & Channel
Fedog : хабæрттæ иронау | United States America (US)
Create: Update:

Тагъд рæстæджы дунейы рухс фендзæн Даниел Дефойы (1660–1731) зындгонд уацмыс иронау

Роман «Йæ цард æмæ йе ʼнахуыр æнæфенгæ цаутæ Робинзон Крузойæн» 1930-æм азты ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Тогуызты Газакк (Илас Æрнигон).
Текст нырыккон ирон графикæмæ раивта, чиныгæн фæлындæн æрмæг равзæрста, разныхас ныффыста æмæ фиппаинæгтæ бацæттæ кодта Косты Лизæ.
Йæ тираж у 1000 экземпляры.

Чиныг саразæг Косты Лизæ йæ разныхасы фыссы:
«Ацы чиныг кæсгæйæ адæймагæй ферох вæййы, текст оригиналон кæй нæу, фæлæ ирон æвзагмæ ивд кæй у, уый. Афтæмæй та чиныг æппындæр ирон цардмæ ницы бар дары, стæй ма уыимæ æндæр æвзæгтæй æрбайсгæ дзырдтæй дæр йемыдзаг у. Фæлæ уыцы арæзтадон æрмæгæй тæлмацгæнæг афтæ арæхстджынæй архайы, ахæм хуызджын нывтæ дзы аразы, æмæ сæм чиныгкæсæг кæсынæй не ʼфсæды. Мæнæ бафтыди уацмысы персонаж йæ фыдæвзарæн фæндагыл цавæрдæр дæлзæххон лæгæтмæ, „йæ бын хус æмæ лæгъз, лыстæг змисæй æмбæрзт. Нæдæр дзы хъуынайы тæф, нæдæр дзы уымæлы кой, нæдæр дзы æлгъаг хилæгойты æмæ маргджын зулчъыты фæд“. Афтæ — хиуылхæцгæ æмæ дзаджджын, хуызджын æмæ нуарджын æвзагæй — нывгонд цæуынц æнахуыр бынаты уавæр æмæ æууæлтæ. Уыцы ран Робинзон бамбæлы йæ фыр зæрондæй мæлæтон удхæрттæ æвзарæг хайуаныл æмæ талынджы фыццаг фæтæрсы уымæн, комкоммæ йæм чи кастис, йæ уыцы дыууæ судзаг цæстæй — „уыдон æрттывтой стъалытау, æдде сæм цы мæнг боны рухс хæццæ кодта, уый фæстæмæ сæхицæй æппаргæйæ“. Цымæ ма нæ мадæлон æвзагыл уымæй хуыздæр равдисæн ис адæймаджы мистикон тас цавæрдæр æбæрæг уавæры, стæй, ацы ран кæуыл дзырдæуы æмæ уырыссагау „отраженный свет“ кæй хонынц, уыцы фæзынд? Æмæ, дæсны тæлмацгæнæджы дисæфтауæг арæхстдзинад уæлдай тынгдæр кæм разыны, ахæм зæрдæмæхъаргæ бынæттæ ацы чиныджы иу æмæ дыууæ нæй. Уырны, искуы сыл æнæмæнг къæрцхъус æмæ уынаг кæсджытæй исчи бæстон æрдзурдзæн».

>>Click here to continue<<

Fedog : хабæрттæ иронау

Share with your best friend
VIEW MORE

United States America Popular Telegram Group (US)